Главная страница

Урок 4-Æм къласы. Темæ: Хъæууон цард. Грамматикон темæ : Номдартæ иууон æмæ бирæон нымæцы



НазваниеУрок 4-Æм къласы. Темæ: Хъæууон цард. Грамматикон темæ : Номдартæ иууон æмæ бирæон нымæцы
Дата14.04.2016
Размер83.6 Kb.
ТипУрок

1.

ГОМ УРОК 4-ÆМ КЪЛАСЫ.

Темæ:Хъæууон цард.

Грамматикон темæ: Номдартæ иууон æмæ бирæон нымæцы.
Урочы нысан:1.Сабиты базонгæ кæнын хъæууон царды нывтимæ.

Бакусын бирæон нымæцы номдарты арæзтыл. Рацыд æрмæг бафидар кæнын.

2Ныхасы рæзтыл куыст:Сывæллæтты лексикæйы хъæздыгдзинадыл кусын.

Раст грамматикон формæтæ аразын.

Диалогон ныхасы рæзтыл кусын.

3.Хъомыладон хæс: Ирон æвзаг æмæ ирон æгъдаумæ уарзондзинад гуырын кæнын. Уæззау хъæууон куыстæн аргъ кæнын.
Методтæ: Урок-экскурси.

Урочы фæлгонц: компьютер, дидактикон æрмæг, иллюстрацитæ, хъазæнтæ, нывтæ.

Урочы цыд.
Ахуыргæнæг:Уæ бон хорз, сывæллæттæ. Абон нæм ис уазджытæ æмæ хорз уаид, салам сын куы раттиккат, уæд.

С. Æгас цæут.

Ахуыргæнæг:.Чи у абон радгæс?

Радхæсы рапорт.

А.Сывæллæттæ, абоны урочы цæуыл дзурдзыстæм, уый цæмæй базонæм, уый тыххæй бакæсдзыстæм уырыссаг æвзагыл цалдæр уыци-уыцийы.Куы сæ базонат, уæд мын дзуапп ратдзыстут ирон æвзагыл.

Дети, чтобы узнать о чем на сегодняшнем уроке будем говорить, мы прочитаем несколько загадок на русском языке, а отгадки вы будете говорить на осетинском языке. Договорились? Отгадки у нас прячутся за загадками на доске.

Кто меняет молоко на сено? (хъуг)

Он рогат и бородат,
Строго смотрит на ребят.
Если кто озорничает –
Забодает, забодает, забодает.
(сæгъ)

По горам, по долам ходит шуба, да кафтан. (фыс)

Спереди - пятачок, сзади - крючок,
Посредине - спинка, а на ней щетинка. (хуы)


Скор, как стрела,
Силен, как вол.
В поле – бурлак,
В бою – орел.
(бæх)

Сер – да не волк,
Длинноух – да не заяц,
С копытцами – да не лошадь(хæрæг)


Заворчал живой замок.
Лег у двери поперек.
(куыдз)

Ходит тихо, тише мыши.
На охоту ночью выйдет.
И как днем, она все видит.
Часто спит, а после сна
Умывается она.
(гæды)

А кто скажет, как называются домашние животные по осетински? (Хæдзарон фос)

А. А где интересно обитают домашние животные, где мы их можем встретить?.(Кæм цæрынц хæдзарон фос, кæм сæ фенæм?.

С.Хæдзарон фос цæрынц хъæуы.

А. Ребята, а вы хотите узнать побольше о сельской жизни? Тогда мы сегодня проведем необычный урок, мы поедем на экскурсию в село. Но у меня маленькая проблема. Не знаю куда ехать. Может вы предложите маршрут. Наверняка ваши бабушки и дедушки живут в селах. У кого в селе живут родственники. Кæм цæрынц уæ нанатæ æмæ бабатæ? Сывæллæттæ дзуапп дæттынц.

(Мæ нана цæры …)

А. Уæдæ абон ацæудзыстæм уазæгуаты Гермæны нанамæ…? Я думаю узнаете много интересного, нового о сельской жизни. Как там живут люди. А ёще вспомним с вами всё, что проходили на уроках. Æмæ нæ абоны урочы темæ у хъæууон цард.

На чём поедем в село? Что нас туда отвезёт? Цæуыл цæуæм хъæумæ?

С.Мах хъæумæ цæуæм автобусыл. На доске изобр. Авт.

Сейчас мы сядем в автобус и поедем. Вы представили себя в автобусе? Тогда поехали. Дети, давайте выглянем в окошко. А что мы сейчас видим в окно. Цы уынæм рудзынгæй?

С. Мах уынæм бирæ машинæтæ, стыр хæдзæрттæ.

А.Ныр цæуæм горæты уынгты. Рацыдыстæм горæтæй. Ныр та цы уынæм?

С.Æз уынын бæлæстæ, кæрдæг, хох.

А. Ды та цы уыныс?

С. Æз уынын дининджытæ, арв.

А. Цавæр дидинджытæ сты? Сæ хуыз цавæр у?

(Сырх, бур, æмæ урс дидинджытæ)

А.Ныр та æрбахæццæ стæм хъæумæ. Мы доехали до села.

Байхъусут ма зарæг « Мæ уарзон хъæу» -мæ. В этой песне поётся о родном селе. А содержание текста вам объяснят картинки.

Мæнæ æрбахæццæ стæм Сосланы нанайы хæдзармæ..

Акæсут ма, чи нæм æнхъæлмæ кæсы хæдзары цур.

С.Сосланы нана.

С.Сывæллæттæ, автобусæй рахизæм æмæ нанайæн салам раттæм.

ДИАЛОГ:

С.Дæ бон хорз, нана!

Н.Æгас цу, мæ хур.

С.Нана, æз ме’ мбæлттимæ æрцыдтæн дæумæ уазæгуаты.

Н.Хорз, мæ хур.Тынг æхсызгон мын у.

С.Нана, уый у мæ хуыздæр æмбал, базонгæ ут.

Г.Дæ бон хорз.

Н. Æгас цу, мæ къона. Дæ ном цы хуыйны?

Д. Мæ ном хуыйны….

Н. Дæ мыггаг кæмæй у?.

Г.Мæ мыггаг у …

Н.Ирон лæппу нæ дæ?

Г.Нæ, æз дæн уырыссаг лæппу.

Н.Цал азы дыл цæуы?

Г.Мæныл цæуы фараст азы.

Н.Кæцы къласы ахуыр кæныс?

Г.Æз ахуыр кæнын цыппæрæм къласы, фæндзайæм скъолайы.

Н.Иронау дзурын зоныс?

Г.Нæ, æз иронау хорз дзурын нæма зонын.

Н.Æмæ дæ фæнды иронау дзурын, фыссын, æмæ кæсын базонын.

Г.О, мæн фæнды иронау дзурын, фыссын æмæ кæсын базонын.

Æмæ æз ахуыр кæнын ирон æвзаг.

Н.Хорз, мæ хур, ды тынг хорз лæппу дæ. Ацæут уал атезгъо кæнут. Æз та уын исты хæринæгтæ акæнон.

А.Дети, идём гулять. Мы должны успеть увидеть всё своими глазами. Акæсут ма, нанамæ ис бирæ хæдзарон мæргътæ. Ранымайут ма сæ.

С. Мæнæ адон сты гогызтæ, бабызтæ, хъазтæ, кæрчытæ, уасæг.

А. А вы знаете какую пользу они приносят. Зачем бабушка их держит.

Цы дæттынц хæдзарон мæргътæ?

С.Хæдзарон мæргътæ дæттынц æйчытæ, дзидза.

Вот это курочка ряба. Она конечно снесёт яйца, если кто нибудь из вас расскажет стихотворение о домашних птицах.

Сывæллæттæ дзурынц æмдзæвгæтæ.

Къоста «Уасæг», Бызыккаты З.« Бабыз», Уырымты П. « Карк»

Бызыккаты З.« Бабыз»,

Бабыз уынгты райсом раджы Узгæ, узгæ рараст балцы Бур-бурид бырынкъ фæдары Бапп-бапп, бапп-бапп!- Бабитæ! Ралидзут, мæ сабитæ! Рауидзут, уæхицæн тагъд Исты-аходæны фаг…

Уырымты П. « Карк»

Кæрдæг адардта цъæх Карк йæ лæппынтæм дзуры: «Кæрты хизут дзæбæх, Куыт-куыт, хъазут мæ цуры, Кæннод цъиусур-тæссаг, Кæртмæ дардæй фæкæсы. Коммæ чи нæ кæса,- Коммæ уыдон фæхæссы.»

А. Тынг хорз зонут æмдзæвгæтæ хæдзарон мæргъты тыххæй æмæ нын нана æйчытæ сфыццæн.

Ныр та æрбахæццæ стæм хæдзарон цæрæгойтæм. Нанамæ ис бирæ хæдзарон цæрæгойтæ.

Цал хъуджы ис нанамæ?

Цал фысы ис нанамæ?

Цал сæгъы ис нанамæ?

А.Дзырдтæ сæвæрут бирæуон нымæцы.

Хъуг-…, фыс-…, сæгъ…, бæх-…, хæрæг-…, хуы-…, куыдз-…, гæды-...

А.Куыд сарæзтам иууон нымæцæй бирæуон нымæс, цæй руаджы?

А.Ребята, у ваших родителей есть дети - это вы. А у домашних животных бывают детёныши? Назовём их. Хъугæн цы ис?

Дзуапп: Хъугæн ис род, фысæн ис уæрыкк, сæгъæн ис сæныкк, бæхæн ис байраг, хæрæгæн ис къæлæу, хуыйæн ис хъыбыл, куыдзæн ис къæбыла, гæдыйæн ис гæдыйы лæппын.(Скъоладзаутæ нывтæм кæсынц афтæмæй дзурынц).

А.Цал дамгъæйы ис дзырд къæбыла-йы?Цал уæнджы?Цал хъæлæсоны? Цал æмхъæлæсоны?Зылангонтæ сты æви æзылангонтæ?

А.Цы пайда сты хæдзарон цæрæгойтæ? Цы нын дæттынц махæн? Байхъусæм ма сын сæхимæ.(Сывæллæттæ хъазæнтимæ рацыдысты æмæ дзурынц)

Хъуг: Æз дæн хъуг, мæ ном Зыгъар. Æз бирæ уарзын, хос, сойджын кæрдæг. Æз дæттын æхсыр, дзидза. Æхсырæй кæнынц нæлхæ, къæдоры цыхт, мисын, æхсыры сæртæ, цыхт. Дзидзайæ кæнынц къалбас. .(фæйнæгыл хæринæгты нывтæ.)

Фыс: Æз дæн фыс, мæ ном хуыйны Борко. Æз дæр дæттын æхсыр, дзидза, къуымбил. Къуымбилæй кæнынц хъарм дзаумæттæ.(Фæйнæгыл дзаумæтты нывтæ).

Къуыдз: Æз дæн куыдз. Мæ ном у Хъусой. Æз хъахъхъæнын хæдзар. Æз уарзын стæг.(Фæйнæгыл куыдз стæгимæ)

А. А как мы пишем клички животных. Цавæр дамгъæйæ фыссæм фосы нæмттæ?

С. Фосы нæмттæ фыссæм стыр дамгъæйæ.

А.Ребята, бабушка приготовила нам очень много вкусненького и зовёт нас к столу. Она нам приготовила осетинские блюда. И представьте себе, что продукты она в магазине не покупала, всё своё .Свежее мясо, яйца, молоко, масло. А овощи и фрукты прямо с грядки. Но чтобы сесть за стол, нам надо угадать, что же она нам приготовила. Давайте посмотрим картинки и угадаем. (Сывæллæттæ нывтæм гæсгæ дзурынц ирон хæринæгты нæмттæ.)

Физминутка

А.Ребята, мы погостили у бабушки Германа в Санибе. А сейчас возвращаемся в школу и садимся за парты. В начале урока дежурный сказал, что на дом было заданно выучить слова. Я сейчас проверю, как вы их выучили. Фæлæ уал байгом кæнут уæ тетрæдтæ æмæ ныффыссут абоны нымæц.

Ног æрмæг

1.Арæх- часто, 2.фæцин кæнынц-радуются, 3.хиуæттæ-родственники, 4.цæрдæг лæг-бодрый мужчина, 5.зилы фосмæ-смотрит за животными, 6.сæрæн сылгоймаг-энергичная женщина, 7.хъугдуцæг-доярка, 8.худæг-смешной, 9.хъæлдзæг-весёлый)

Я часто хожу в театр. Я люблю своих родственников. Мой брат шустры, бодрый мальчик. Моя соседка доярка. Мой маленький брат смешной мальчик. Я весёлая девочка.

Хæс: Уырыссаг æвзагæй ирон æвзагмæ дзырдтæ æмæ хъуыдыйæдтæ ратæлмац кæнут.

Перед вами листочки с текстом. Слова вы учили к этому тексту. Послушайте внимательно текст. Потом сами прочтёте и переведёте Хæс.Текстмæ хъусынц сывæллæттæ, стæй йæ сæхæдæг кæсынц æмæ тæлмац кæнынц.

8.

Мæ ном у Таму. Мæ мыггаг у Томайтæй. Æз цæрын Дзæуджыхъæуы. Мæ дада æмæ нана цæрынц Хæтæлдоны. Мæ фыды æфсымæр дæр цæры йæ бинонтимæ уым. Мах арæх вæййæм Хæтæлдоны. Тынг ныл фæцин кæнынц нæ хиуæттæ. Дада нырма у цæрдæг.Уый хæдзары куыстытæ фæкæны, зилы фосмæ. Ис сæм бирæ фос: хъуццытæ, фыстæ, сæгътæ æмæ бæхтæ. Дада зоны бирæ аргъæуттæ. Мах уарзæм дадамæ хъусын. Нана дæр у сæрæн сылгоймаг. Фермæйы кусы хъугдуцæгæй. Арæх нын фæкæны хæрзад чъиритæ. Ис ма сæм къæбыла Муртуз. Къæбыла у худæг. Æз йемæ фæхъазын. Хъæуы вæййы тынг хъæлдзæг.Æз бирæ уарзын нана æмæ бабайы.

Текстимæ куыст:

а)Текстæн сæргонд скæнын.

æ)Дзуапп раттын фарстытæн текстмæ гæсгæ.

1.Кæм цæры Таму?-…

2.Кæм цæрынц Тамуйы хæстæджытæ?-….

3.Цы фæкусы дада?-….

4.Кæм кусы нана?-….

5.Цы хуыйны къæбылайы ном?-….

6.Кæй уарзы бирæ Таму?-….

б)Текстмæ гæсгæ раст вариант фæнысан кæнут æмæ сæ ныффыссут уæ тетрæдты.

зонгæтæ

1.Тамуйæн хъæуы ис бирæ <

Хæстæджытæ

Фыййагдоны

2.Тамуйы хиуæттæ цæрынц<

Хæтæлдоны



хъугдуцæгæй

3.Нана кусы<

ахуыргæнæгæй

цæрдæг

4.Дада у <

сæрæн

в)Кæцы нымæцы сты сырхæй фыст дзырдтæ? Сæвæрын сæ иууон нымæцы.

г)Тексты бæрæггонд дзырдтæ сæвæрын бирæон нымæцы æмæ сæ ныффыссут уæ тетрæдты.

Урокæн хатдзæгтæ скæнын.

Кæм уыдыстæм абон Экскурсийы?

Цы федтам хъæуы?

Цы бахордтам Сосланы нанатæм?

Кæимæ базонгæ стæм тексты?

Хъæу уæ зæрдæмæ фæцыд?

Куыд аразæм номдарты бирæон нымæц?

Хæдзармæ куыст.

Текст хиныхæстæй дзурын. Хæдзарон фосы нывтæ скæнын.

Бæрæггæнæнтæ.